Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Сымах амад ӕрцыдыстут апостолты ӕмӕ пехуымпарты бындурыл, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг у, Чырыстиимӕ иугондӕй, сымахӕй дӕр Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ амадӕуы цӕрӕн хӕдзар Хуыцауӕн. Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ – удӕгас дурмӕ. Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн – ӕвзӕрст зынаргъ дур, ӕмӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн».
Выбор основного перевода