Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ ӕрцӕрдзыстӕм йемӕ. Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ – Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Кӕд искӕмӕ Чырыстийы Уд нӕй, уӕд уый та Чырыстийы нӕу. Хуыцауӕй Кӕй райстат, уӕ буар уыцы Сыгъдӕг Уды хӕдзар кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы, Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды, ӕмӕ Уый хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъы: «Аввӕ, нӕ Фыд!»
Выбор основного перевода