Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.
Ды зӕгъыс: ӕз хъӕздыг дӕн, бирӕ мӕм ис ӕмӕ ницы хъуаг ӕййафын. Фӕлӕ нӕ зоныс, ды мӕгуыр, кӕуинаг, гӕвзыкк, куырм ӕмӕ бӕгънӕг кӕй дӕ, уый.
Уынаффӕ дын кӕнын: арты чи ссыгъдӕг, Мӕнӕй ахӕм сызгъӕрин балхӕн ӕмӕ схъӕздыг уай; стӕй балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр Мӕнӕй балхӕн хос ӕмӕ дзы байсӕрд дӕ цӕстытӕ.