Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, муртаттӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй. Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Хицауӕй дуар гом уыди, Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ, – ӕз уын уыдоны тыххӕй арӕх дзырдтон, ныр та уын кӕугӕйӕ дзурын, – цӕрынц Чырыстийы дзуары знӕгтау. Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн. Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.
1. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода