Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг.
Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы – Хицауыл иузӕрдион чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ цардӕй куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цард у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.
Хицау Чырыстийы фӕрцы мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ рӕхджы Тимофейы арвитыныл, цӕмӕй ӕз дӕр базонон уӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ барухс уа мӕ зӕрдӕ.
Мӕнӕн ӕндӕр ахӕм адӕймаг нӕй, Тимофейау сымахыл афтӕ зӕрдиагӕй чи бамӕт кӕна.