Саламтӕ раттут мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл Асийы фыццаг чи баууӕндыд, уымӕн.
Саргъуыдтон ма Стефаны хӕдзаронтыл дӕр. Ӕндӕр ма искӕуыл саргъуыдтон, уый нӕ хъуыды кӕнын.
Уыдон нӕ тынг куырдтой, цӕмӕй сӕ хай бахӕссой сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны арфӕйаг хъуыддагмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый.