6
Ӕз уӕм, чи зоны, афӕстиат уон, чи зоны, зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут, кӕдӕм цӕуон, уырдӕм.
Аргъуан сӕ срӕвдз кодта фӕндагмӕ, ӕмӕ ацыдысты Финикийыл ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕ кӕй цӕуынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин.
Ӕмӕ Испанимӕ куы цӕуон, уӕд мӕ ныфс ис мӕ фӕндагыл сымах фенынӕй, иуцасдӕр уӕ фендӕй бафсӕдынӕй, стӕй мӕ фӕндагмӕ кӕй срӕвдз кӕндзыстут, уымӕй.
Артемайы кӕнӕ дӕм Тихикы куы арвитон, уӕд бацархай Никополмӕ мӕм ӕрцӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ зымӕг уым арвитын ис мӕ зӕрды.