Мах Хуыцауимӕ иу хъуыддаг аразӕм, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы хӕдзар.
Уӕдӕ Хицауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ йыл сӕмбӕлут ӕхсызгонӕй. Аргъ кӕнут ахӕмтӕн.
Ӕфсымӕртау иудадзыг уарзут кӕрӕдзи.
Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц – сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.