Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕвдисут уарзондзинад. Уӕ цард, Чырысти, куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ намыс дӕр. Нӕ Фыд Хуыцауы раз мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уырнындзинад кӕмӕ разӕнгард кӕны, уӕ уыцы хъуыддӕгтӕ, уарзт кӕмӕ аразы, уӕ уыцы фӕллой, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ныфсӕй фӕразон кӕй стут, уый. Уӕдӕ ӕрцӕуӕм Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй, фидар уырнындзинадимӕ – Йесойы туг нын ссыгъдӕг кодта нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ ссӕрибар стӕм ӕфсармы тӕрхонӕй, нӕ буар нын цӕхсадӕуыд сыгъдӕг донӕй. Фидар ныххӕцӕм, ӕргомӕй кӕй тыххӕй дзурӕм, уыцы зӕрдӕдарӕныл, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ Чи бавӕрдта, Уый Йӕ дзырд нӕ сайы. Иу иннӕйыл уӕд ӕнувыд, кӕрӕдзи разӕнгард кӕнӕм уарзынмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм. Фыццаджыдӕр кӕрӕдзи уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы бирӕ тӕригъӕдтӕ ныббарстӕуы. Хуыцау мах кӕй уарзы, уый базыдтам ӕмӕ баууӕндыдыстӕм уыцы уарзтыл. Хуыцау у уарзондзинад, ӕмӕ чи уарзы, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.
Выбор основного перевода