Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ныр уӕм ӕз куы ӕрцӕуон, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурон, уӕд уын цы пайда фӕуыдзынӕн, Хуыцауӕй мын цы раргом, ахӕмӕй исты, кӕнӕ зонынад, кӕнӕ пехуымпарад, кӕнӕ ахуырад куы не 'рхӕссон, уӕд? Зӕлтӕ кӕмӕй рацӕуынц, ахӕм ӕнӕуд дзаумӕттӕн, зӕгъӕм, уадындзӕн кӕнӕ фӕндырӕн, сӕ зӕлтӕ бӕлвырд куы нӕ уой, уӕд куыд базындӕуа, уадындзыл кӕнӕ фӕндырыл цы цӕгъдынц, уый? Ӕмӕ хӕстон сыкъауадындзӕй бӕлвырд зӕлтӕ куы нӕ хъуыса, уӕд хӕстмӕ йӕхи чи ӕрцӕттӕ кӕндзӕн? Бамбарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ныхӕстӕ сымах дӕр ӕндӕр ӕвзӕгтыл куы дзурат, уӕд куыд базындӕуа, цы дзурут, уый? Уымӕн ӕмӕ уӕ ныхас уыдзӕн дымгӕмӕ дзурӕгау.
Выбор основного перевода