Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Фӕлӕ Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕймаджы Хуыцау нымайы хионыл. Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй. Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ ныридӕгӕн бахӕццӕ дӕн мӕ нысанмӕ, кӕнӕ ӕнаипп сдӕн; фӕлӕ згъорын размӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй хӕрзиуӕг мӕхи бакӕнынмӕ – Йесо Чырысти мӕ уый тыххӕй скодта йӕхион. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд». Уымӕн ӕмӕ ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не 'ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ цалынмӕ бон кӕнын райдайа ӕмӕ Бонвӕрнон уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе 'ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕртӕ уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй.
Выбор основного перевода