Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы – Хуыцау кӕй ӕрхуыдта ӕмӕ Йесо Чырыстийы руаджы кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдонмӕ; стӕй алы ран дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы, нӕ иумӕйаг Хицауы, ном чи ары, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр. Уый Чырыстийы руаджы мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп куыд уӕм. Мах адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ бындур уый нӕу, ӕмӕ дзӕгъӕл фестӕм, йе нӕ бӕллицтӕ чъизи сты, йе искӕй асайыныл архайӕм. Мах та сымах тыххӕй, Хицау кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн – Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы. Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕрхуыдта Хуыцау, махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уый руаджы – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы намысӕй хай райсынмӕ.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода