Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый фыццаг нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ Йесо куы снамысджын, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд: Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд уыди ӕмӕ Йын афтӕ бакодтой. Куы ацӕуон, ӕмӕ уын бынӕттӕ куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым. Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Зӕгъын уын сусӕгдзинад: мах неппӕт дӕр нӕ амӕлдзыстӕм, фӕлӕ неппӕт дӕр фендӕрхуызон уыдзыстӕм Уайтӕккӕ, цӕстыфӕныкъуылдмӕ, куыддӕр фӕстаг сыкъауадындз ныууаса, афтӕ. Куы ныууаса, уӕд мӕрдтӕ райгас уыдзысты, мӕлӕт сын нал уыдзӕн, мах та фендӕрхуызон уыдзыстӕм.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода