Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард. Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый. Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы! Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бафты, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы. Хӕтынӕн, цавӕрфӕнды чъизи мийӕн ӕмӕ кӕрӕфӕн сымахмӕ хъуамӕ сӕ кой дӕр ма уа, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ базонут, Хицауӕн фӕндон цы у, уый. Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон уӕнгтӕ: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг мондӕгтӕ, кӕрӕф, уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцаумӕ кувын у.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода