Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Чи давта, уый мауал давӕд, фӕлтау кусӕд, кӕнӕд пайдайаг хъуыддӕгтӕ йӕхи къухтӕй, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр. Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд. Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут – магусатау уӕм нӕ цардыстӕм. Хойраг лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕмӕн уӕм тыхстыхос. Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй нӕхи равдисӕм, бафӕзмыны аккаг уын куыд уӕм, ахӕмтӕй. Сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уын афтӕ фӕдзӕхстам: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд». Фӕлӕ мах куыд хъусӕм, афтӕмӕй сымахӕй иуӕй-иутӕ сты магусатӕ, ницы аразынц, фӕлӕ сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты. Ахӕмтӕн Хицау Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ курӕм, цӕмӕй ныггуыбыр кӕной ӕмӕ кусой, цӕрой сӕхи къухты фӕллойӕ.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода