Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та – хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн, Хицау та буарӕн дӕр хицау у. Уӕ буӕрттӕ Чырыстийы уӕнгтӕ кӕй сты, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ Чырыстийы буары уӕнгтӕ райсдзынӕн ӕмӕ сӕ хъахбайы уӕнгтӕ фестын кӕндзынӕн? Ницы хуызы! Уӕхи хизут хӕтынӕй: адӕймаг цыдӕриддӕр тӕригъӕды бафты, уый буары ӕдде вӕййы, фӕлӕ хӕтаг йӕхи буары тӕригъӕды цӕуы. Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой. Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты – нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода