Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты зӕрдӕрухс ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын. Уӕд иудейтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй сахары уынгтӕй ӕрӕмбырд кодтой бирӕ цъаммар лӕгты ӕмӕ сызмӕстой ӕппӕт сахар. Балӕбурдтой Иасоны хӕдзармӕ ӕмӕ архайдтой Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракӕныныл. Фӕлӕ сӕ куы нӕ ссардтой, уӕд Иасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм ӕмӕ хъӕр систой: «Сызмӕстой ӕгас дуне, ныр та ардӕм ӕрцыдысты, Ӕмӕ сӕ Иасон суазӕг кодта. Уыдон тох кӕнынц кесӕры уагӕвӕрдты ныхмӕ ӕмӕ паддзахыл нымайынц ӕндӕры – Йесойы». Афтӕмӕй сызнӕт кодтой, чи сӕм хъуыста, уыцы адӕмы ӕмӕ сахары хицӕутты. Хицӕуттӕ Иасонӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр цъынды райстой ӕхца ӕмӕ сӕ рауагътой. Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ уӕ зӕрдиагӕй курын: фӕзмут мӕ [ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ]. Фӕзмут мӕ, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ. Ӕфсымӕртӕ, фӕзмут мӕн. Нӕхи уын цавӕрӕй равдыстам, ахӕм уагыл чи цӕры, уыдон сымахӕн уӕд фӕзминаг. Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийӕн Иудейӕйы чи ис, Хуыцауы уыцы аргъуантау – ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ. Уӕдӕ хивӕнд чи у, уый адӕймаджы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсы. Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут – магусатау уӕм нӕ цардыстӕм. Ахӕм бар нын нӕ уыди, зӕгъгӕ, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ цӕмӕй нӕхи равдисӕм, бафӕзмыны аккаг уын куыд уӕм, ахӕмтӕй.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода