Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Фыццаджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы арфӕ кӕнын мӕ Хуыцауӕн уеппӕты тыххӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейӕн уӕ уырнындзинад зындгонд у. Йӕ Фырты фарны уац адӕммӕ зӕрдиагӕй хӕссынӕй цы Хуыцауӕн кусын, Уый мын ӕвдисӕн у: куы фӕкувын, уӕд сымах ӕдзух мӕ зӕрдыл фӕлӕуут, Уӕдӕй фӕстӕмӕ сымах тыххӕй иудадзыг арфӕ кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ кувын, Куы уӕ ӕрымысын, уӕд кӕддӕриддӕр сымах тыххӕй бузныг вӕййын мӕ Хуыцауӕй. Кӕдфӕнды ма кувон уеппӕты тыххӕй дӕр – кӕддӕриддӕр фӕкувын цингӕнгӕ, Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй [ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ]. Мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй ӕмӕ арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн, Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, ӕмӕ уый раст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уеппӕт дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау скӕна, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз бӕллицтӕ, ӕмӕ Йӕ хъаруйӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна, уӕ уырнындзинадӕй разӕнгард кӕмӕ стут, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода