Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг. Павел ӕмӕ Силӕ ахызтысты Амфиполыл ӕмӕ Аполлонийыл, ӕрцыдысты Фессалоникӕмӕ. Ам уыди иудейаг синагогӕ. Павел ацы хатт дӕр йӕ ахуыр нӕ фехӕлдта, бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта. Сыгъдӕг Фыстӕй-иу сын ӕрхаста бынӕттӕ, Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Уыдонимӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы бердзентӕй тынг бирӕ, стӕй уӕздан сылгоймӕгтӕй дзӕвгар. Уӕд иудейтӕ сӕ фырхӕлӕгӕй сахары уынгтӕй ӕрӕмбырд кодтой бирӕ цъаммар лӕгты ӕмӕ сызмӕстой ӕппӕт сахар. Балӕбурдтой Иасоны хӕдзармӕ ӕмӕ архайдтой Павел ӕмӕ Силӕйы адӕммӕ ракӕныныл. Фӕлӕ сӕ куы нӕ ссардтой, уӕд Иасоны ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕры лӕгдыхӕй акодтой сахары хицӕуттӕм ӕмӕ хъӕр систой: «Сызмӕстой ӕгас дуне, ныр та ардӕм ӕрцыдысты, Ӕмӕ сӕ Иасон суазӕг кодта. Уыдон тох кӕнынц кесӕры уагӕвӕрдты ныхмӕ ӕмӕ паддзахыл нымайынц ӕндӕры – Йесойы». Афтӕмӕй сызнӕт кодтой, чи сӕм хъуыста, уыцы адӕмы ӕмӕ сахары хицӕутты. Хицӕуттӕ Иасонӕй ӕмӕ иннӕтӕй дӕр цъынды райстой ӕхца ӕмӕ сӕ рауагътой. Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ. Ӕз фыссын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕн сеппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ. Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыциу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ. Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийӕн Иудейӕйы чи ис, Хуыцауы уыцы аргъуантау – ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ. Павелӕй, Силуанӕй ӕмӕ Тимофейӕ – нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы аргъуанмӕ Фессалоникӕйы. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода