Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй, Хуыцауы Уды хъаруйӕ. Афтӕмӕй Чырыстийы фарны уац ӕз ахӕлиу кодтон Иерусалимӕй суанг Иллирикмӕ. Ӕмӕ фарны уац хъусын кодтон зондджын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ мӕ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ, Цӕмӕй уӕ уырнындзинад аразгӕ уа адӕймаджы зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъаруйӕ у. Ӕз тырнын, цӕмӕй уат ныфсджын, уарзондзинад уӕ бӕтта кӕрӕдзийыл, хъӕздыг уат, ӕцӕгадыл ӕнӕгуырысхойӕ кӕй ӕууӕндут ӕмӕ йӕ ӕххӕстӕй кӕй ӕмбарут, уымӕй. Ӕмӕ уӕд зондзыстут Хуыцауы сусӕгдзинад – Чырыстийы. Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта фарны уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у – архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл. Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы фарны уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын. Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхстыхос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы фарны уац. Уымӕ гӕсгӕ уӕ ӕрхуыдта Хуыцау, махӕй цы фарны уац фехъуыстат, уый руаджы – нӕ Хицау Йесо Чырыстийы намысӕй хай райсынмӕ. Мах уын цӕмӕй фӕзминаг стӕм, уый уӕхӕдӕг зонут – магусатау уӕм нӕ цардыстӕм.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода