Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ баиу сты Павел ӕмӕ Силӕимӕ. Уыдонимӕ ма баууӕндыдысты, Хуыцауы чи нымадта, уыцы бердзентӕй тынг бирӕ, стӕй уӕздан сылгоймӕгтӕй дзӕвгар. Ныр та сты ӕртӕйӕ: уырнындзинад, зӕрдӕдарӕн, уарзт. Фӕлӕ уыдонӕй тӕккӕ ахъаззагдӕр уарзт у. Уымӕн ӕмӕ мах фехъуыстам: сымах ӕууӕндут Йесо Чырыстийыл ӕмӕ уарзут ӕппӕт сыгъдӕджыты. Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕн сӕ бындур у, уӕлӕрвты уын ӕфснайдӕй цы хорзӕхтӕ лӕууы, уыдоныл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут, уый. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй сымах фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы – фарны уацы. Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм, ӕмӕ мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут. Сымах тыххӕй, ӕфсымӕртӕ, мах хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, ӕмӕ уый раст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ рӕзы уӕ уырнындзинад ӕмӕ уеппӕт дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр уарзут уӕ кӕрӕдзийы. Ӕмӕ мах иудадзыг кувӕм сымах тыххӕй, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау скӕна, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккаг, сӕххӕст уын кӕна уӕ хорз бӕллицтӕ, ӕмӕ Йӕ хъаруйӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна, уӕ уырнындзинадӕй разӕнгард кӕмӕ стут, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ. Хицау уын уӕ зӕрдӕтӕ саразӕд Хуыцауы уарзтмӕ ӕмӕ Чырыстийау фӕразонмӕ. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау раст у, ӕмӕ Дзы нӕ ферох уыдзӕн, сыгъдӕджытӕн цы лӕггад бакодтат ӕмӕ кӕнут, уымӕй Йӕ кадӕн цы фӕллой ӕмӕ уарзондзинад равдыстат, уый. Афтӕ уырнындзинад дӕр – хъуыддӕгтӕй ӕвдыст куы нӕ уа, уӕд мард у.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода