Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд Корнилий рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йӕхи ӕрӕппӕрста Петры къӕхтӕм. Петр ыл схӕцыд ӕмӕ загъта: «Сыст, ӕз дӕр ӕрмӕст адӕймаг дӕн». Ам цы фыст ис, уый Хуыцау бафӕдзӕхста Йесо Чырыстийӕн, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йын Йӕ цагъартӕн куыд раргом кӕна, афтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн, кӕй йӕм арвыста, Йӕ уыцы зӕды фӕрцы. Ӕмӕ Иоанн фехъусын кодта, цы федта, ӕппӕт уыдӕттӕ; афтӕмӕй ӕвдисӕн ныллӕууыд Хуыцауы ныхасӕн ӕмӕ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххӕй. Йесойы тыххӕй уемӕ фӕразонӕй тухӕнтӕ чи ӕвзары, сымахимӕ Йӕ Паддзахады хай чи райсдзӕн, ӕз уӕ уыцы ӕфсымӕр Иоанн дӕн. Хуыцауы ныхас кӕй амыдтон ӕмӕ Йесойӕн ӕвдисӕн кӕй лӕууыдтӕн, уый тыххӕй ӕз хаст уыдтӕн, Патмос чи хуыйны, уыцы сакъадахмӕ.
Откровение
Выбор основного перевода