Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Уый фӕстӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон бӕлӕстӕ рӕсугъд ӕмӕ хӕрынӕн бӕзгӕ дыргътимӕ, уыимӕ царддӕттӕг бӕлас дыргъдоны хӕдастӕу, стӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас. Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адӕймаг райдыдта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый ӕмбарын, ӕмӕ сси Мах хуызӕн. Ныр йӕ къух куы батаса царды бӕласы дыргътӕй ӕртонынмӕ дӕр, куы дзы бахӕра ӕмӕ куы суа ӕнӕмӕлгӕ». Уый калди сахары уынджы хӕдастӕуты, йӕ иу фарс дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ фарс дӕр рӕзыд, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, уыцы царды бӕлас. Бӕласы сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос. Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.
Откровение
Выбор основного перевода