Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Уый фӕстӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон бӕлӕстӕ рӕсугъд ӕмӕ хӕрынӕн бӕзгӕ дыргътимӕ, уыимӕ царддӕттӕг бӕлас дыргъдоны хӕдастӕу, стӕй, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕлас. Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адӕймаг райдыдта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый ӕмбарын, ӕмӕ сси Мах хуызӕн. Ныр йӕ къух куы батаса царды бӕласы дыргътӕй ӕртонынмӕ дӕр, куы дзы бахӕра ӕмӕ куы суа ӕнӕмӕлгӕ». Уӕздан кӕттагӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттиваг дарӕсы, сӕ риутыл сызгъӕрин рӕттимӕ, Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды авд рынимӕ. Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой ихрыны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын тынг хъизӕмарӕй мардта. Уый калди сахары уынджы хӕдастӕуты, йӕ иу фарс дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ фарс дӕр рӕзыд, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, уыцы царды бӕлас. Бӕласы сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос. Йӕ дарӕс чи ӕхсы, уыдон тӕхудиаг сты – уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ дуарыл бацӕуыны бар.
Откровение
Выбор основного перевода