Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Ӕмӕ уын уӕд фарндӕттӕг Хуыцау рӕхджы уӕ къӕхты бын ныцъцъист кӕндзӕн хӕйрӕджы. Нӕ Хицау Йесойы хорзӕх уӕд уемӕ. Амен. Фарндӕттӕг Хицау уын раттӕд фарн кӕддӕриддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр. Хицау уӕд уеппӕтимӕ дӕр! Ныридӕгӕн мын цӕттӕ у рӕстгӕнӕджы хӕрзиуӕг, ӕмӕ мын ӕй уыцы бон ратдзӕн Хицау, ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕг. Ӕмӕ ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ йын Йе 'рцыдмӕ чидӕриддӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уыдонӕн дӕр. Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрзгыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн. Ӕмӕ Иоанн фехъусын кодта, цы федта, ӕппӕт уыдӕттӕ; афтӕмӕй ӕвдисӕн ныллӕууыд Хуыцауы ныхасӕн ӕмӕ радзырдта Йесо Чырыстийы тыххӕй. Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен. Ӕрфӕсмон кӕн, науӕд дӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ семӕ тох самайдзынӕн Мӕ дзыхы цирхъӕй. Ӕз рӕхджы ӕрцӕудзынӕн. Цы дӕм ис, ууыл хӕц, цӕмӕй дын дӕ хӕрзиуӕг мачи байса. «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн». Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уый тӕхудиаг у. «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ мызд Мемӕ ис – алкӕмӕн дӕр ратдзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Откровение
Выбор основного перевода