Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ ма тӕрсут, буар чи мары, уды амарын та кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Фӕлӕ тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй. Фыццаг сырды раз уый архайы, фыццаг сырдмӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартӕй, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты кувын кӕны, йӕ мӕлӕтдзаг цӕф кӕмӕн байгас, уыцы сырдмӕ. Ӕвдисы ахӕм диссӕгтӕ, ӕмӕ адӕмы цӕсты раз арвӕй зӕхмӕ ӕруадзы арт. Фыццаг сырды раз ын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй цирхъӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт. Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди фыццаг сырды сурӕты цард бауадзыны тых, сырды сурӕт дзыхӕй куыд сдзура ӕмӕ йӕм чи нӕ кувы, уыдоны иууылдӕр куыд марын кӕна, афтӕ. Дыккаг сырд домдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр – хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ номдзыдтӕн, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн, сӕрибартӕ ӕмӕ цагъартӕн – йӕ рахиз къухыл кӕнӕ тӕрныхыл ӕвӕрд ӕрцӕуа нысан. Уыцы нысан у сырды ном кӕнӕ сырды ном ӕвдисӕг нымӕц. Уый кӕуыл уа, уыдоны йеддӕмӕ нӕдӕр ӕлхӕныны, нӕдӕр уӕй кӕныны бар никӕмӕн уыдзӕн. Сырдмӕ ӕмӕ сырды сурӕтмӕ чи кувы ӕмӕ йын йӕ номы нысан чи сӕвӕрдта, уыдоны хъизӕмарӕй марӕг арты фӕздӕг цӕудзӕн мыггагӕй-мыггагмӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ зондзысты». Ацыд фыццаг зӕд ӕмӕ йӕ кӕхц ракалдта зӕхмӕ, ӕмӕ сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд ӕвирхъау риссаг хӕфдзӕстытӕ. Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Ӕз федтон паддзахы бадӕнтӕ; бадтысты сыл, тӕрхон кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыдон. Ӕз федтон, Йесойӕн ӕвдисӕны ӕмӕ Хуыцауы ныхас амоныны тыххӕй кӕй сӕртӕ акъуырдтой, уыдоны удтӕ; уыдон нӕ бакуывтой сырдмӕ ӕмӕ йӕ сурӕтмӕ, сӕ тӕрныхтыл ӕмӕ сӕ къухтыл сырды нысан нӕ сӕвӕрдтой. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзахиуӕг кодтой мин азы.
Выбор основного перевода