Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ Хуыцау Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй, къӕвдайау, ӕркалдта судзгӕ сондон. Стыр сахар фӕци ӕртӕ дихы, адӕмты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй. Йӕхӕдӕг куыд ӕфхӕрдта, афтӕ йӕ бафхӕрут. Цытӕ кодта, уыдӕтты тыххӕй йын бафидут дывӕрӕй. Сӕн цы кӕхцы цӕттӕ кодта, уым ын ӕрцӕттӕ кӕнут дыууӕ хатты карздӕр сӕн. Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ. Тӕппудтӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн, ӕлгъӕгтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат у судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».
Выбор основного перевода