Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Стыр сахар фӕци ӕртӕ дихы, адӕмты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй. Хӕтыдысты йемӕ зӕххон паддзӕхтӕ, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй». Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг ахадындзинад кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад». Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын, бабын стыр Вавилон, сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат ӕмӕ алы ӕнӕзӕгъинагӕн фысымуат, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй бадардта ӕппӕт адӕмтӕн. Зӕххон паддзӕхтӕ хӕтыдысты йемӕ, зӕххон сӕудӕджертӕ схъӕздыг сты йе стыр исбонӕй». Йӕ хъизӕмӕртты тасӕй лӕудзысты дӕрддзӕф ӕмӕ дзурдзысты: «Додоййаг фӕдӕ, додоййаг, стыр сахар, Вавилоны тыхджын сахар! Уымӕн ӕмӕ дын цы тӕрхон рахастӕуыд, уый дӕ баййӕфта иунӕг сахатмӕ».
Выбор основного перевода