Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ уӕ стыр аргъӕй балхӕдӕуыд. Уӕдӕ кад кӕнут Хуыцауӕн уӕ буарӕй. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уымӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ, ссыгъдӕг кӕнӕм нӕхи, алцӕмӕй дӕр Йӕ адӕм куыд суӕм, афтӕ. Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иу Лӕгӕн – Чырыстийӕн – ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард – ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хорысӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн. Уӕвгӕ дын Сардисы ис, йӕ дарӕс чи нӕ фӕчъизи кодта, ахӕм цалдӕр адӕймаджы. Уыдон урс-урсид дарӕсы цӕудзысты Мемӕ, уымӕн ӕмӕ сты уый аккаг. Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ асӕттыны аккаг дӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыд нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕм алы мыггаджы ӕмӕ ӕвзаджы, алы адӕмы ӕмӕ адӕмыхатты ӕхсӕнӕй,
Выбор основного перевода