Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Матфея
Параллельные места
Хӕмпӕлгӕрдӕг байтауӕг знаг у хӕйрӕг, хуымгӕрдӕнтӕ сты дунейы кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ. Афтӕ уыдзӕни, дунейӕн йӕ кӕрон куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстытӕй Уымӕн ӕмӕ Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн». Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕни Де 'рцыды ӕмӕ дунейы фӕуды афон?» Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ ӕрцӕрдзыстӕм йемӕ. Уыдон ӕнувыдӕй хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, ӕмуд-ӕмвӕндӕй арӕзтой дзулсаст ӕмӕ куывтой. Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм фыдбылыз саразынмӕ никӕй къух баххӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ацы сахары бирӕ адӕм ис».
От Матфея
Выбор основного перевода