Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Матфея
Параллельные места
Уӕд сын Иосиф загъта: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут». Уыдон ӕм куы бацыдысты, уӕд та сын загъта: «Ӕз Иосиф дӕн, сымах Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уӕ уыцы ӕфсымӕр. Иосиф сын загъта: «Ма тӕрсут. Ӕз, мыййаг, Хуыцау дӕн? Фӕлӕ Мӕ райгасы фӕстӕ уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ». Ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут ӕмӕ Йын зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, райгас мӕрдтӕй, уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут, зӕгъгӕ. Гъеныр уын загътон мӕ зӕгъинаг». Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы та ацыдысты Галилеймӕ, Йесо сын цы хохмӕ загъта, уырдӕм. Фӕлӕ Мӕ райгасы фӕстӕ уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ». Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ цу Ме 'фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ"». Уый фӕстӕ та Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ногӕй. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы былыл. Хабар уыди афтӕ. Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома, Нафанаил галилейаг Канӕйӕ, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ Йесойы иннӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ. Симон Петр сын загъта: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Уыдон ын загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Ацыдысты ӕмӕ сбадтысты бӕлӕгъы, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой. Боныцъӕхтыл Йесо лӕууыд денджызы былгӕрон. Фӕлӕ Йесо кӕй у, уый ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ базыдтой. Йесо сӕ бафарста: «Мӕ хӕлӕрттӕ, исты ӕрцахстат?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Не 'рцахстам». Уый сын загъта: «Хыз баппарут бӕлӕгъӕн йӕ рахиз фарс, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». Уыдон баппӕрстой хыз, ӕмӕ сын бирӕ кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахста, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕ бон раласын нӕ уыд. Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг загъта Петрӕн: «Ай Хицау у». Симон Петр куы фехъуыста, Хицау у, зӕгъгӕ, уӕд йӕ пӕлӕз ӕрбалвӕста ронӕй (ӕндӕр ыл ницы уыд), ӕмӕ йӕхи нывзылдта денджызмӕ. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хыз кӕсӕгтимӕ ластой сӕ фӕдыл, афтӕмӕй ӕрбацыдысты бӕлӕгъы; былмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыди – дыууӕсӕдӕ ӕлмӕрины бӕрц. Былмӕ куы рахызтысты, уӕд цӕхӕрыл федтой кӕсаг, йӕ фарсмӕ та – дзул. Йесо сын загъта: «Рахӕссут, цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстат, уыдонӕй». Симон Петр схызт бӕлӕгъмӕ ӕмӕ хыз раласта зӕхмӕ. Хыз дзаг уыди стыр кӕсӕгтӕй – ӕдӕппӕт сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ кӕсаджы. Ахӕм бирӕ кӕсӕгты уӕзӕй хыз нӕ аскъуыд. Йесо сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ аходӕн бахӕрут». Ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ныфс ничи бахаста Йӕ бафӕрсынмӕ, «Чи дӕ», зӕгъгӕ. Уыдон базыдтой, Хицау кӕй у, уый. Йесо бацыд, райста дзул ӕмӕ сын ӕй радта, радта сын кӕсаг дӕр. Афтӕ мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Йесо ӕртыккаг хатт фӕзынд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо бафарста Симон Петры: «Иоанны фырт Симон, уыдон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты». Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «У фыййау Мӕ фыстӕн». Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕртыккаг хатт ӕй «уарзыс Мӕ?» кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мӕ фысты. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд айтындздзынӕ дӕ къухтӕ, ӕрбабӕтдзӕн дӕ ӕндӕр адӕймаг ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм». Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цу». Петр ракаст фӕстӕмӕ ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕугӕ федта Йесойы уарзон ахуыргӕнинаджы. Уый уыди, ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесомӕ йӕхи чи баввахс кодта ӕмӕ афтӕ чи загъта: «Хицау, гадзрахатӕй Дыл чи рацӕудзӕн?», уыцы ахуыргӕнинаг. Петр ӕй куы федта, уӕд бафарста Йесойы: «Хицау, уый та цы фӕуыдзӕн?» Йесо йын загъта: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме 'рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд дӕу цы хъуыддаг и? Ды цу Мӕ фӕдыл». Ӕмӕ уый айхъуыст ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Йесо та нӕ амӕлдзӕн нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме 'рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд дӕу цы хъуыддаг и?» Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕггӕнӕг дӕр, стӕй чи ссыгъдӕг, уыдон иууылдӕр иунӕг Хуыцауӕй сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ Йе 'фсымӕртӕ хонын Чырысти ӕфсӕрмыйагыл нӕ нымайы ӕмӕ зӕгъы:
От Матфея
Выбор основного перевода