Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Матфея
Параллельные места
Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, ӕмӕ Фыды дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон. Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыды йеддӕмӕ; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны – зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон». Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ. Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый Йесо зыдта; ӕмӕ ӕхсӕвӕры рӕстӕг Уымӕн ӕмӕ алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, Уымӕн кӕй радтай, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард куыд ратта. Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, Ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕй ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕй ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном. Хуыцау ӕппӕт дӕр фӕкодта Чырыстийы къӕхты бын, сӕвӕрдта Йӕ тӕккӕ уӕлдӕр бынаты – Аргъуаны сӕргъы. Ӕмӕ Йӕ Хуыцау афтӕ сбӕрзонд кодта, ӕмӕ Йын радта ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном, Цӕмӕй Йесойы номы раз сӕ зонгуытыл ӕрлӕууой, уӕларвы, зӕххыл ӕмӕ дӕлдзӕх чи ис, уыдон иууылдӕр, Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахиз фарс, Йӕ дӕлбар сты зӕдтӕ, уӕларвон барджынтӕ ӕмӕ тыхджынтӕ.
От Матфея
Выбор основного перевода