Ӕмӕ Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы фӕци уӕлейӕ бынмӕ. Зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ ныскъуыдтӕ сты.
Ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, йӕ уыцы ног зӕппадзы. Зӕппадзмӕ бацӕуӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.
Иосиф балхӕдта уӕздан кӕттаг, ӕриста Йесойы, батыхта Йӕ кӕттаджы ӕмӕ Йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы цы зӕппадз къахт уыди, уым; ӕмӕ йын йӕ бацӕуӕныл бафӕлдӕхта дур.