Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты. Уӕд уын исчи куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти", кӕнӕ: „Уым ис", – ма уӕ бауырнӕд. Ӕз Мӕ Фыды номӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ Мыл не 'ууӕндут, фӕлӕ ӕндӕр исчи куы ӕрцӕуа йӕхи номӕй, уӕд ыл баууӕнддзыстут. Ӕрӕджы фӕзынд Февдӕ, йӕхицӕй цыдӕр арӕзта, ӕмӕ йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ амардӕуыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цыди, уыдон иууылдӕр ныххӕлиу сты – ууыл ахицӕн хъуыддаг. Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты. Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый.
Выбор основного перевода