Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кӕрӕдзийӕ хъӕстаг ма ут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы. Сымахмӕ, ӕфсымӕртӕ, афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдты тыххӕй фыссын ницӕмӕн хъӕуы. Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд ӕрцӕуы, Хицауы ӕрцыд дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут. Уымӕн ӕмӕ адӕм куы дзурой: «сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст ӕрцӕудзӕн сӕ адзал – аирвӕзыны амал сын нӕ уыдзӕн. Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, ӕмӕ уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕллагӕй ӕрӕййафа. Уымӕн ӕмӕ уеппӕт дӕр рухсы хъӕбултӕ ӕмӕ боны хъӕбултӕ стут. Мах ӕхсӕвы хъӕбултӕ дӕр не стӕм ӕмӕ талынджы хъӕбултӕ дӕр.
Выбор основного перевода