Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты. Мӕ сывӕллӕттӕ, рӕстӕджы кӕрон у. Сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Ӕмӕ ныр дӕр Чырыстийӕн фӕзынд бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ, ӕмӕ афтӕмӕй мах зонӕм, кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Уӕд уын зӕгъдзысты: „Мӕнӕ ам ис", кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис". Ма цӕут уырдӕм, ма згъорут сӕ фӕдыл. Йесо сын загъта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй сайды ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", „Афон ралӕууыд". Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.
Выбор основного перевода