Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр. Ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ доны хъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта, уӕдмӕ. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн. Алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд та – йӕхионтӕ. Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй нӕ Хицау Йесо куы ӕрцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг. Ӕфсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дыккаг ӕрцыдыл ӕмӕ Йемӕ нӕ иумӕйаг фембӕлдыл дзургӕйӕ та зӕрдиагӕй курын сымахӕй, Уӕд ныхмӕлӕууӕг раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Хицау Йесо амардзӕн Йӕ комытӕфӕй, бынсӕфт ӕй фӕкӕндзӕн Йӕ намысджын ӕрцыдӕй.
Выбор основного перевода