Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Каин йе 'фсымӕр Авелӕн загъта: «Цӕуӕм быдырмӕ». Ӕмӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йӕхи ныццавта йе 'фсымӕр Авелыл ӕмӕ йӕ амардта. Хуыцау Каины бафарста: «Кӕм ис де 'фсымӕр Авел?» Каин дзуапп радта: «Нӕ зонын. Ӕз ме 'фсымӕрӕн, мыййаг, гӕс дӕн?» Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Де 'фсымӕры туг Мӕм дзыназы зӕххӕй – йӕ хъаст хӕссы Мӕнмӕ. Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе 'фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе 'фсымӕры хъуыддӕгтӕ та – раст. Уырнындзинады фӕрцы ӕрхаста Авел Хуыцауӕн Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау райста йӕ нывонд, ӕмӕ уымӕй равдыста, Авел рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амарди, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы абон дӕр ма дзуры. Ног фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ – Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры. Ацы сахары ныккалдӕуыд пехуымпарты ӕмӕ сыгъдӕджыты, стӕй зӕххыл кӕй амардӕуыд, уыдонӕн сеппӕты туг дӕр».
Выбор основного перевода