Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт.
Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы уӕлзонд загъта: „Арвитдзынӕн сӕм пехуымпарты ӕмӕ минӕвӕртты, ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕфхӕрдзысты ӕмӕ сӕ амардзысты".
Хицау Йесойы ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейтӕ амардтой, мах дӕр фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты.