Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Базарӕй куы ӕрцӕуынц, уӕд дӕр нӕ хӕрынц, цалынмӕ сӕхи цӕхсой, уӕдмӕ. Ӕмӕ ма хӕст сты бирӕ ӕндӕр ӕгъдӕуттыл дӕр: ӕхсынц къустӕ, дурынтӕ, ӕгтӕ ӕмӕ бандӕттӕ. Ӕмӕ фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ бафарстой Йесойы: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕуылнӕ цӕрынц, чъизи къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, сымах тыххӕй Исай-пехуымпар Сыгъдӕг Фысты хорз загъта: „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц; цӕуыл ахуыр кӕнынц, уыдон адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттӕ сты". Сымах ныууагътат Хуыцауы фӕдзӕхст, ӕмӕ хӕст стут адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттыл». Ноджыдӕр сын загъта: «Уӕхи ӕгъдау ӕххӕст кӕныны сӕраппонд Хуыцауы фӕдзӕхст аивын хорз зонут. Уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады", ӕмӕ: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд". Сымах та куыд дзурут? Йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй цы хъуамӕ айстаис, уый корбан (ома, Хуыцауӕн лӕвар) у, зӕгъгӕ, Уымӕн нал дӕттут йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн хорз ракӕныны бар. Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивут, иннӕты дӕр кӕуыл ахуыр кӕнут, уӕ уыцы ӕгъдауӕй. Ноджы ма аразут бирӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ дӕр». Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтӕ, къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та кӕрӕф ӕмӕ хӕрамӕй дзаг стут. Ӕнӕзӕндтӕ! Ӕддейӕ цы ис, уый Скӕнӕг не скодта, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр, ӕви?
Выбор основного перевода