Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаджы ӕмӕ йӕ байзӕддаджы скӕндзынӕн знӕгтӕ. Сылгоймаджы байзӕддаг дын дӕ сӕр цӕвдзӕни, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ». Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй бирӕтӕ саргъауынмӕ кӕй цӕуынц, уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды? Ӕз та уын зӕгъын: йе 'фсымӕрмӕ [ӕнӕхъуаджы] чидӕриддӕр мӕсты кӕна, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе 'фсымӕрӕн „ницӕйаг" чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; „ӕнӕзонд" ын чи зӕгъа, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт. Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды? Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй лӕгмар уыди, ӕцӕгад ӕм нымады дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм ӕцӕгад нӕй. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон фӕкӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгарддзинады фыд.
Выбор основного перевода