Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн". Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, йӕ растгӕнӕг уыдон сты». Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн". Хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ сеппӕт дӕр цыдысты Йесомӕ байхъусынмӕ. Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ хӕры семӕ». Рауади стыр хъӕлӕба. Фарисей чи уыд, уыцы динамонджытӕй сыстади цалдӕр, ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ уд кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»
Выбор основного перевода