Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд ӕгомыг дзурын райдыдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуы ӕрцыди».
Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не 'хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ».
Адӕмӕй та Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?»