Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕхи хизут адӕмӕй: уыдон уӕ дӕтдзысты тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ нӕмдзысты ехсӕй сӕ синагогӕты; Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй Мын уыдоны ӕмӕ муртатты раз уат ӕвдисӕнтӕ. Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты ӕфхӕрын. Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Иаковы. Ацы хъуыддаг иудейтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг. Ӕрцахсын кодта Петры, баппӕрста йӕ ахӕстонмӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнын бафӕдзӕхста, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къордӕн. Иродмӕ уыд Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд. Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг. Ӕз Иерусалимы куы уыдтӕн, уӕд ыл хъаст кодтой алчертӕ ӕмӕ иудейты хистӕртӕ – куырдтой тӕрхон ын рахӕссын.
Выбор основного перевода