Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры ӕхсӕн Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, сыгъдӕг зӕдтимӕ Йӕ Фыды намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд». Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Хицау Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон. Сымахӕн та, ӕфхӕрдтытӕн, – удӕнцойӕ немӕ, Хицау Йесо уӕларвӕй Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Куы ӕрцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон сеппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл. Мӕнӕ Уый ӕрцӕуы ӕврӕгътимӕ, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныдздзыназдзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ. Бӕгуыдӕр, афтӕ уыдзӕн! Амен.
Выбор основного перевода