Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не 'хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ». Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ай тӕригъӕдджынты суазӕг кӕны ӕмӕ хӕры семӕ». Ӕмӕ адӕм уый куы федтой, уӕд сеппӕт дӕр райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын ӕмӕ дзырдтой, Уый бацыд тӕригъӕдджын адӕймагмӕ, зӕгъгӕ. Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый тыхджын пехуымпар уыди Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз. Йесо цы диссаг скодта, уый адӕм куы федтой, уӕд загътой: «Дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, ай ӕцӕг уыцы Пехуымпар у».
Выбор основного перевода