Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны. Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди сымахӕн раст фӕндаг бацамонынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не 'рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут. Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды? Ӕрцыдысты саргъауынмӕ хъалонисджытӕ дӕр ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?»
Выбор основного перевода