Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо сыл Йӕхӕдӕг та не 'ууӕндыд, уымӕн ӕмӕ зыдта сеппӕты дӕр, Ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд – адӕймаджы зӕрдӕйы цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта. Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз Хуыцауӕй рацӕугӕ дӕн ӕмӕ ардӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не 'рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста. Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕртыккаг хатт ӕй «уарзыс Мӕ?» кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мӕ фысты.
Выбор основного перевода