Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо Чырыстийы – Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы – хӕдзарвӕндаг. Авраамӕй райгуырд Исаак; Исаакӕй райгуырд Иаков; Иаковӕй райгуырдысты Иудӕ ӕмӕ йе 'фсымӕртӕ; Иудӕйӕн Фамарӕй райгуырдысты Фарес ӕмӕ Зара; Фаресӕй райгуырд Есром; Есромӕй райгуырд Арам; Арамӕй райгуырд Аминадав; Аминадавӕй райгуырди Наассон; Наассонӕй райгуырди Салмон; Салмонӕн Рахавӕй райгуырд Вооз; Воозӕн Руфӕй райгуырд Овид; Овидӕй райгуырд Иессей; Иессейӕ райгуырди паддзах Давид; Давидӕн Урийы усӕй райгуырди Соломон; Соломонӕй райгуырди Ровоам; Ровоамӕй райгуырд Ави; Авийӕ райгуырд Аса; Асайӕ райгуырд Иосафат; Иосафатӕй райгуырд Иорам; Иорамӕй райгуырд Ози; Озийӕ райгуырд Иоафам; Иоафамӕй райгуырд Ахаз; Ахазӕй райгуырд Езеки; Езекийӕ райгуырди Манасси; Манассийӕ райгуырд Амон; Амонӕй райгуырд Иоси; Иосийӕ райгуырдысты Иехони ӕмӕ йе 'фсымӕртӕ. Уыцы рӕстӕг иудейты сыстын кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Вавилонмӕ. Вавилонмӕ арвитыны фӕстӕ Иехонийӕ райгуырди Салафиил; Салафиилӕй райгуырди Зоровавел; Зоровавелӕй райгуырд Авиуд; Авиудӕй райгуырд Элиаким; Элиакимӕй райгуырд Азор; Азорӕй райгуырди Садок; Садокӕй райгуырд Ахим; Ахимӕй райгуырд Элиуд; Элиудӕй райгуырд Элеазар; Элеазарӕй райгуырди Матфан; Матфанӕй райгуырд Иаков; Иаковӕй райгуырди Мариайы мой Иосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы. Йесо Йӕ хъуыддаг куы райдыдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй уыди Иосифы фырт, Илийы, Матфаты, Левийы, Мелхийы, Ианнайы, Иосифы, Маттафийы, Амосы, Наумы, Еслийы, Наггейы, Маафы, Маттафийы, Семеины, Иосихы, Иодайы, Иоананы, Рисайы, Зоровавелы, Салафиилы, Нирийы, Мелхийы, Аддийы, Косамы, Элмадамы, Иры, Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау. Уыдон Хуыцауы ӕцӕгад баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ кусынц, кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕн, Сфӕлдисӕгӕн та нӕ кувынц – Уый арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен. Уымӕн ӕмӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: уӕларвон уӕлдӕр бынӕттӕ, хицӕуттӕ, ӕлдӕрттӕ, барджынтӕ – ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд. Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы. Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕр. Уый у сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар. Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йеппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ,
Выбор основного перевода