Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо сын загъта: «Ау, Сыгъдӕг Фысты никуы бакастыстут: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн. Уый Хуыцауы фӕндӕй у, ӕмӕ уыцы диссаг мах уынӕм"? Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн». Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн. Симеон сыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта, ӕмӕ Йесойы Мад Мариайӕн загъта: «Мӕнӕ ацы Сывӕллоны тыххӕй израилаг адӕмӕй бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, бирӕтӕ та сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕн быцӕутӕ, Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты ацы дзырдтӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн"? Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъд ис: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн – ӕвзӕрст зынаргъ дур, ӕмӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фӕхудинаг уыдзӕн». Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс кӕй не сты, уый тыххӕй Йыл фӕкӕлынц. Афтӕ сын снысан кодта Хуыцау.
Выбор основного перевода